«Мадæлон æвзаг»
О, мадæлон æвзаг, дæуæн та цы зæгъон! Дæу аккаг хæзна дзырд зæххы цъарыл нæй, Мæ уды быцъынæг куы хауид мæ хъуырæй, Уæддæр дæ æвдадзыл нæ акæнин уæй. Куыннæ ис дунейы æвзагтæ та бирæ, Къуымыхдæр дзы се ῾хсæн иу иннæмæй нæу. Мæ мадæлон æвзаг, хæрын дын ыстыр ард, Æз се ῾ппæтыл иумæ нæ баивин дæу. Æнæ дæу æз уаин куысыфтæгау афтид, Цæрдудæй дын мардау æз уаин фынæй. Мæн сусæны мæй дæр æнæ дæу нæ тавид, О, мадæлон æвзаг, цæй диссаг дæ, цæй!