top of page

Ахуыргӕнӕг Джыккайты Шамилӕн

Сӕрыстыр уыдзыстӕм йӕ номӕй,

Фӕцудыдта нӕ Иры мӕсыг.

Кӕм ма ис нӕ мастӕн уромӕн,

Нӕ хӕхтӕй дар хъары цӕссыг.


Уаззау уыд йӕ фӕндаг, йӕ куыст,

Ӕгъуыссӕгӕй бирӕ фӕбадти.

Йӕ кады ном тынг дардыл хъуыст,

Нӕ хӕхтӕй бӕрзонддӕр йӕ ном.


Ӕгӕрон бынтӕ нын ныууагъта,-

Ӕнӕкӕрон аргъ дӕр сын ис.

Йӕ удӕй-иу арт дӕр ысцагъта,

Нӕ фӕлтӕры развӕдма дардта цырагъ.


Нӕ бафсӕстис цардӕй, йӕ бынтӕй,

Нӕ бафсӕст йӕ кӕстӕрты уындӕй.

Йӕ лӕггӕдтӕн ын фидӕн нӕй,

Кӕстӕртӕн фӕзминаг ӕмӕ аккаг.

(Плиты Л.И.)


Избранные рецензии
Проверьте позже
Когда посты будут опубликованы, вы увидите их здесь.
Облако тегов
Тегов пока нет.
bottom of page